Æвæгæсæг фосы аххосæй нæ респбликæйы æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Иртасæм, æмткæй фарста куыд сраст кæнæн ис, уый. Паддзахадон Думæмæ бахастой хъæппæрис, цæмæй 25 азы кæуыл нæма цæуы, уыцы мадæлтæн фидой уæлæмхасæн æхца. Куыд фæзындзæн демографийыл? Дуканиты уыдысты, дзаумæттæ асламдæрæй æлхæныны бонтæ. Уыцы фæзындæн йæ пайда æмæ йæ зиан цавæр сты? Æрæджы Дыгурон драмон театр сбæрæг кодта йæ сæвзæрды бон. Цавæр æнтыстдзинæдтимæ йыл сæмбæлдысты актертæ, ууыл ныхас кæнæм нæ студийы. Æмæ ма нæ программæйы кæрон фембæлдзыстæм зарæггæнæг Доййаты Стасимæ. Артисты пълантæ æмæ сфæлдыстадон фæндагыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv