Цæгат Ирыстоны бирæсывæллонджын бинонты ахуыры азмæ бацæттæ кæныны акци расидт "Адæмон Фронт". Чызджыты æмæ лæппуты ифтонг кæнынц дзаумæттæй æмæ фыссæнгæрзтæй. Лæвæрттæ кæмæ æрхаудзысты, уый тыххæй дзурæм "Йæ рæстæгыл". 26-æм августы Хуссар Ирыстон сбæрæг кæндзæн йæ хæдбардзинады Бон. 16 азы размæ йæ Уæрæсе банымадта хæдбар республикæйыл. Куыд фæбæрæг уыцы цау адæмыл, ууыл ныхас кæнæм нæ студийы. Фысымтæ уыдыстæм литературон уазæгуаты уæнгтæн дæр. Сфæлдыстадон Клуб байгом Дзæуджыхъæуы, æмæ дзы архайдтой Цæгат Кавказы фысджытæ, стæй аивадон литературæмæ бар чи дары, уыдон.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv